Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:42

[1] Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Хицау кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.

[2] Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.

[3] Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн.

[4] Кувут, цӕмӕй уыцы сусӕгдзинад ӕз раргом кӕнон, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.

[5] Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.

[6] Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл, ӕмӕ зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.

[7] Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Хицауӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.

[8] Ӕз уӕм ӕй уымӕн ӕрвитын, цӕмӕй уын радзура нӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ уын барӕвдауа уӕ зӕрдӕтӕ.

[9] Ӕрвитын уӕм ӕй, сымахӕрдыгон чи у, нӕ уыцы иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимимӕ. Уыдон уын радзурдзысты амы ӕппӕт хабӕрттӕ.

[10] Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк – Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый),

[11] Ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.

[12] Салам уын дӕтты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ Йын уат алцӕмӕй дӕр коммӕгӕс.

[13] Ӕз ӕвдисӕн дӕн, уӕ сӕраппонд, стӕй Лаодикийы ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны сӕраппонд Эпафрас куыд бирӕ кусы, уымӕн.

[14] Салам уын дӕттынц нӕ уарзон дохтыр Лука ӕмӕ Димас.

[15] Салам раттут лаодикиаг ӕфсымӕртӕн, стӕй Нимфасӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн.

[16] Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут.

[17] Зӕгъут Архиппӕн: «Хицау дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд – кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».

[18] Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.

Колоссӕгтӕм — Chapters