[1] Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ мӕ лӕгӕй-лӕгмӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый.
[2] Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы.
[3] Зонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.
[4] Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй.
[5] Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ уд уемӕ ис, ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл.
[6] Уӕдӕ Хицау Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон.
[7] Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг.
[8] Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.
[9] Адӕймаджы буар Йӕ уӕлӕ Чи скодта, уыцы Чырыстимӕ сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.
[10] Чырыстиимӕ иугондӕй сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты сӕргъы.
[11] Сымах баиу стут Чырыстиимӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй –
[12] Аргъуыды рӕстӕг Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.
[13] Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста неппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр,
[14] Аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон – байтыгъта йӕ дзуарыл.
[15] Ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарӕй ӕмӕ дунейӕн равдыста, уыдоны ӕгадмӕ кӕй ӕртардта, уый.
[16] Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй иставӕр бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.
[17] Уыдӕттӕ сты, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕн йӕ аууон. Цы ӕрцыд, уый та Чырысти у.
[18] Се 'нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.
[19] Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕрыл, хӕст не сты. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы, ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
[20] Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ:
[21] «Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»?
[22] Уыцы ӕгъдӕуттӕ цӕуыл дзурынц, ӕппӕт уыдӕттӕ нал фӕбӕззынц се спайда кӕныны фӕстӕ. Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ.
[23] Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыдыгонд динимӕ, ӕгӕр сӕрныллӕгимӕ ӕмӕ буар ӕнӕхъуаджы домынимӕ ӕддаг бакастӕй зондджын зынынц, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.