Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:22

[1] Ӕппынфӕстаг, кувут мах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй Хицауы фарны уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ.

[2] Кувут, цӕмӕй мах фервӕзӕм ӕвзӕр ӕмӕ фыдадӕмӕй; уымӕн ӕмӕ уырнындзинад алкӕмӕ нӕй.

[3] Фӕлӕ Хицау иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни хӕйрӕгӕй.

[4] Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Хицауы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм.

[5] Хицау уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ.

[6] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.

[7] Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут – магусатау уӕм нӕ цардыстӕм.

[8] Хойраг лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕмӕн уӕм тыхстыхос.

[9] Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй нӕхи равдисӕм, бафӕзмыны аккаг уын куыд уӕм, ахӕмтӕй.

[10] Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд».

[11] Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты.

[12] Ахӕмтӕн Хицау Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ.

[13] Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ.

[14] Нӕ фыстӕджы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, йӕхиуыл куыд ӕрхуда, афтӕ.

[15] Ӕрмӕст ӕй уе знагыл ма нымайут, фӕлӕ уе 'фсымӕрыл, ӕмӕ йын амонут зонд.

[16] Фарндӕттӕг Хицау уын раттӕд фарн кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр. Хицау уӕд уеппӕтимӕ дӕр!

[17] Ӕз, Павел, саламтӕ ныффыстон мӕхи къухӕй – уый у нысан мӕ алы фыстӕгыл дӕр. Мӕнӕ афтӕ фӕфыссын:

[18] «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд».

2 Фессалоникӕгтӕм — Chapters