[1] Ӕфсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй,
[2] Цӕмӕй ӕваст ма фӕцудат зондӕй ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Хицауы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.
[3] Мачи уӕ макуыд асайӕд. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон нӕ ралӕудзӕни, цалынмӕ уырнындзинад ныууагъдӕуа ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕлӕууӕг, мӕлинаг, раргом уа, уӕдмӕ.
[4] Уый йӕхи сӕвӕрдзӕни, хуыцау кӕй хуындӕуы ӕмӕ табу кӕмӕн кӕнынц, уыдонӕй уӕлдӕр ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр уыдзӕни знаг; рабаддзӕни Хуыцауы кувӕндоны ӕмӕ йӕхи расиддзӕн Хуыцауӕй.
[5] Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви?
[6] Ӕмӕ уын ныр зындгонд у, цы йӕ уромы, уый. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд йӕхи раргом кӕндзӕн.
[7] Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ цы хъуамӕ уа, уый нӕма уыдзӕни, Хуыцауы ныхмӕлӕууӕджы ныртӕккӕ чи уромы, уый цалынмӕ ист ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
[8] Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй.
[9] Ныхмӕлӕууӕг куы ӕрцӕуа, уӕд хӕйрӕджы ӕппӕт хъаруйӕ равдисдзӕн мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ.
[10] Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфтыкъахыл лӕуджыты – уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.
[11] Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.
[12] Ӕмӕ ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон сеппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.
[13] Мах та сымах тыххӕй, Хицау кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
[14] Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕрхуыдта Хуыцау, махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уый руаджы – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы намысӕй хай райсынмӕ.
[15] Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл.
[16] Нӕ Хицау Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг, ӕмӕ мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕнӕихсигӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕгуырысхо зӕрдӕдарӕн Чи радта, нӕ уыцы Фыд-Хуыцау
[17] Барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.