Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:03

[1] Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты,

[2] Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,

[3] Цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут –

[4] Куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.

[5] Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ бон нал уыд, ӕмӕ арвыстон уӕ уырнындзинады тыххӕй базонынмӕ, цӕмӕй хӕйрӕг сымах ма смондаг кӕна тӕригъӕдмӕ ӕмӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы ма фӕуа.

[6] Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм, ӕмӕ мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.

[7] Ӕмӕ кӕд зынты ӕфтӕм ӕмӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр, ӕфсымӕртӕ, уӕ уырнындзинад мах бауагъта ныфс.

[8] Кӕд сымах фидарӕй ӕууӕндут Хицауыл, уӕд мах удӕгас стӕм.

[9] Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм?

[10] Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый.

[11] Уӕдӕ нын нӕ Фыд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Хицау Йесо нӕ фӕндаг саразӕнт сымахмӕ.

[12] Хицау уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзи ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,

[13] Цӕмӕй уын Хицау сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ, ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Хицау Йесо Йеппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Амен.

1 Фессалоникӕгтӕм — Chapters