[1] Сымах уӕхӕдӕг зонут, ӕфсымӕртӕ, не 'рцыд уӕм дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци, уый.
[2] Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
[3] Мах адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ бындур уый нӕу, ӕмӕ дзӕгъӕл фестӕм, йе нӕ бӕллицтӕ чъизи сты, йе искӕй асайыныл архайӕм.
[4] Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл.
[5] Сымах куыд зонут, афтӕмӕй козбау ныхас махӕй никуы рацыд; хи пайдамӕ бӕллыны зӕрдӕ нӕм нӕ уыди – Хуыцау ӕвдисӕн.
[6] Адӕм нын кад кӕной – сымах уат ӕви ӕндӕр исчи – уымӕ дӕр нӕ бӕллӕм.
[7] Мах Чырыстийы апостолтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ бон уыди нӕхи бӕрзонд сӕвӕрын, фӕлӕ уе 'хсӕн уыдыстӕм ӕвӕлмас, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд узӕла, уыйау.
[8] Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы фарны уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын.
[9] Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац.
[10] Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.
[11] Сымах зонут: мах уӕ алкӕй дӕр хъомыл кодтам, фыд йӕ хъӕбулты куыд хъомыл кӕны, афтӕ –
[12] Лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.
[13] Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.
[14] Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийӕн Иудейӕйы чи ис, Хуыцауы уыцы аргъуантау – ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.
[15] Хицау Йесойы ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейтӕ амардтой, мах дӕр фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.
[16] Мах муртаттӕн хъусын кӕнӕм фарны уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл – афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.
[17] Мах, ӕфсымӕртӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхицӕн стӕм сымахӕй, ӕмӕ нӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынут, уӕддӕр зӕрдӕйӕ уемӕ стӕм. Зӕрдиагӕй архайдтам уӕ феныныл.
[18] Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын хӕйрӕг ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ.
[19] Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй нӕ Хицау Йесо куы ӕрцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.
[20] О, нӕ намыс ӕмӕ нӕ цин сымах стут.