[1] Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг.
[2] Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.
[3] Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ мӕнгард ныхӕсты руаджы тона кӕндзысты сымахӕй. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм сӕ мӕлӕт къӕрцхъусӕй лӕууы.
[4] Кӕд тӕригъӕды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зӕдтыл нӕ бацауӕрста, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;
[5] Кӕд рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ – аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;
[6] Кӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахарты фестын кодта ӕртхутӕг, ӕмӕ сын уымӕй рахаста сӕ сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зондыхос куыд уа, афтӕ;
[7] Хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта –
[8] Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстгӕнӕг царди се 'хсӕн, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ зӕрдӕ рысти, се 'нӕуаг хъуыддӕгтӕ сын кӕй уыдта ӕмӕ хъуыста, уымӕй, –
[9] Уӕд Хицау зоны, рӕстгӕнджытӕ фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзынгӕнгӕ сты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сӕ бафхӕрыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ куыд ныууадзгӕ сты, уый –
[10] Чъизи мондӕгты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, налат, хивӕнд чи у ӕмӕ намысджынты фауынӕй чи нӕ тӕрсы, уӕлдайдӕр уыдон.
[11] Афтӕмӕй зӕдтӕ уыдонӕй домбайдӕр сты хъомыс ӕмӕ тыхӕй, фӕлӕ Хицауы раз намысджынтӕн нӕ фӕзӕгъынц фауӕн ныхас.
[12] Уыдон та фауынц, цы не 'мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се 'рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.
[13] Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се 'рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.
[14] Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,
[15] Ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Валаамы фӕндагыл – уый бабӕллыд йӕ тӕригъӕды тыххӕй мызд райсынмӕ,
[16] Фӕлӕ йын йӕ цӕстмӕ бадардӕуыди, зылын кӕй у, уый: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта сӕрхъӕн мийӕ.
[17] Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг.
[18] Уыдон кӕнынц хиппӕлой ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи мондӕгты къӕппӕгӕй ахсынц, зылын фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ныр чи фӕхицӕн, ахӕмты.
[19] Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у.
[20] Кӕд нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй суйтӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ амӕддаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.
[21] Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.
[22] Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди раст ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ», «ӕхсад хуы ацӕуы цъыфы йӕхи сӕвдулынмӕ».